2023-05-11 10:28:40
Ам та дæн.
Уæ размæ уын хæссын мæ уац демографийы тыххæй, ис æй бакæсæн газет Рæстдзинады хуымгæнæны мæйы 26-æм боны рауагъды. Фарс ПДФ-ы дæлдæр.
Фæсивæды цæстæнгас æнгом бинонтæ саразынмæ Уæрæсейы федералон статискæйы интернет-службæйы сайты фехъусын кодтой, Цæгат Ирыстоны къайад фидаргæнæн управленийы, сæ цард чи баиу кодта æмæ чи рахицæн, уыцы бинонты нымæц. Статистикæ арæзт у 2022 азæн, цымыдисаг та уый у, æмæ хицæн цы бинонтæ раисты, уыдоны нымæц фæфылдæр. Ацы фарст нæм райхалинаг фæкаст æмæ сфæнд кодтам фæсивæдимæ аныхас кæнын.
Статискæмæ лæмбынæг куы æркæсæм, уæд уынæм, 2020 азæй 2022 азмæ нымæцтæ зынгæ кæй фæкъаддæр сты, уый. Зæгъæм, 2020 азы фидаргонд æрцыд 2840 ног къайы, хицæн та раисты 1769. 2022 азы та 2825 бафидар кодтой къайад, æмæ рахицæн 3902 къайы. Цы ‘рцыд ахæмæй, цæмæй нымæцтæ дыууæ азмæ зынгæ фæкъаддæр уой? 20 азæй 27 азы онг кæуыл цæуы, уыцы фæсивæды бафарстам цы у къæйтты ныллæг нымæцы аххосаг, уымæй.
32 адæймагæй 19-æн сæ дзуапп уыд ахæм, зæгъгæ, æхцайы фæрæзтæ нæ фаг кæнынц. 8 не ссардтой хъæугæ къай, 5 та тыхсынц фидæныл. – "Демографион уæрмæн" ис бирæ аххосæгтæ, фæлæ сæйраг, мæнмæ гæсгæ, у цæрæн бынæттæ фаг кæй не сты, уый. Ссæдзæм æнусы уæлдай тагъд урбанизацийы тыххæй Ирыстоны цæрджыты нымæц, æрдзон фæткмæ гæсгæ нал фылдæр кодта. Паддзахады фæнды, цæмæй бирæсывæллонджын бинонты нымæц фæфылдæр уа, фæлæ ахæм бинонтæн сæ бон нæу 50-70 квадратон метры цæрын, - зæгъы
Уæлладжыры комы цæрæг Кокойты Олег. Æрфарсты архайæг фæсивæды ‘хсæн ис ахæмтæ, кæцытæ бинонты хъуыддаг бакæнынæй тæрсынц, фæлæ сæ фылдæр хай зæгъы: «Нæ уавæртæ нæ амонынц». Æгъдауыл 32 адæймагæй йæ зæрдæ иу дæр нæ дары. Хъыгагæн, ацы фарстайы ирон æхсæнад йæ тых нæ раргом кодта. Паддзахадон программæтæ æрыгон бинонтæн бирæ ис, фæлæ фæсивæд уыдоныл йæ зæрдæ нæ дары. Уæдæ бинонты хъуыддаг бакæнын фæсивæды æхсæн стыр бынаты дæр нал ис.
– Мæнмæ гæсгæ бинонтæ, куыд æхсæнадон къабаз, нымад нал сты. Нæ йæ зонын цæмæн рауад афтæ. Фæсивæды фылдæр фæнды сахуыр кæнын, царды исты фенын, цæмæдæр гæсгæ, нал тырнæм чындзы цæуынмæ, лæппутæ та ус курынмæ, – зæгъы
Дзæуджыхъæуы цæрæг Дарчиты Юлия. Раст зæгъгæйæ, æрфарсты архайджытæй бирæтæ сты ахæм хъуыдыйыл хæст. Чызджытæ зæгъынц, зæгъгæ, мæ цæмæн хъæуы мой кæнын, кæд æмæ нæлгоймагæн йæ къух æмæ йæ зонд нæ амоны бинонтæ фæдарын. Кæд раздæр сылгоймæгтæ сæхи дарыны хъом нæ уыдысты, уæд абоны дуджы та сæ бон у æппæт фæрæзтæй дæр пайда кæнын. Агурынц сæхицæн аккаг къай, кæцыимæ фидæны цардмæ иу цæстæнгасæй кæсдзысты. Лæппутæн та сæ къух, æцæгæйдæр, нæ амоны æмæ, сæ хъуыдымæ гæсгæ, чызджытæ хъуыды кæнынц æрмæст материалон уавæрыл. Худæджы хабар, æхгæд цæг дзы рауад.
Хистæрты ныхасмæ гæсгæ, фæсивæды фæнды фыццаг ахуыр райсын, стæй диссертаци бахъахъхъæнын, уый фæстæ дæсныйадмæ гæсгæ бакусын. Уыцы хабæрттæ цалынмæ фæкæнынц, уæдмæ бинонтæ бакæныны афон ацæуы æмæ сын байрæджы вæййы.
Амæй размæ, нæ газеткæсджыты базонгæ кодтам демограф
Къаберты Нодаримæ фыст интервьюимæ. Æрхъуыды кæнæм, цавæр цæстæй кæсы ацы фарстмæ: «Демографион процесстæ иууылдæр сты кæрæдзийыл баст: æвзонг адæм ацæуынц куыстагур – сæ нымæц фæкъаддæр, чи гуыры, уыдоны нымæц дæр фæкъаддæр уыдзæн… Кæд æрыгон йæхи фæдарынхъом нæу, уæд бинонты хъуыддаг бакæныныл куыд ныллæудзæн?» Махмæ гæсгæ, уыцы интервьюйы Нодар бацамыдта, демографийы уавæр сраст кæнынæн цы хъæуы, уый. Ахæм мадзæлттæй иу у æхсæнады социалон уавæр фæхуыздæр кæнын.
– Къайад фидар кæныны фарстайы хъахъхъæд цæуы иумæйаг фæтк. Ивгъуыд азимæ абаргæйæ, бирæ нæ бафæстæзад сты ног къайæдтæ, фæлæ рæзы, хицæн цы къæйттæ æрцыдысты, уыдоны нымæц. Мæнмæ гæсгæ, дыккæгты нымæц фæфылдæр социалон уавæры тыххæй. Куыд зонæм, афтæмæй иунæг æмæ бирæсывæллонджын мадæлтæн паддзахадæй цæуы материалон æххуыс. Уый тыххæй бинонтæ рахицæн вæййынц. Иннæ аххосаг та уый мидæг ис, æмæ адæм иумæ цæрын нал зонынц. Нæлгоймаг æмæ сылгоймаг цæстæй-цæстмæ ныхас кæнын нал фæразынц, алчи йæ телефоны ныккæсы æмæ йæ йæ къайы мæт нал вæййы. Бинонтæ кæрæдзийыл аудгæ хъуамæ кæной, се ‘хсæн та æмбарындзинад хъуамæ уа, уæд хицæн кæныны фарст дæр не ‘взæрдзæн. Адæм фæразондæр хъуамæ уой, –
8.2K views07:28