Получи случайную криптовалюту за регистрацию!

#Repost @iron_din15 —— iron_din15 Æз мæ фыдæлтæй цы фехъуысто | Osetia.alania.15rso

#Repost @iron_din15
——
iron_din15 Æз мæ фыдæлтæй цы фехъуыстон Хетæджы тыххæй уыцы таурæгъ радзурдзынæн. Хетæг уыди лæг. Æрджынарæгай сцæйцыди бæхыл. Кувæндоны цурмæ куы схæццæ ис, уæд йæхи бафæдзæхста Уастырджийыл. Уæд æм Уастырджи дзуры: «Уæлæ уыцы хъæумæ тыхгæнджытæ фæцæуынц æмæ сын фехъусын кæн – сæхи хъахъхъæнæнт». Уыцы хъæу ныртæккæ Никæлаевский кæй хонынц, уым уыди. Хетæг Уастырджийы фæдзæхст баххæст кодта. Уый тыхгæнджытæ куы базыдтой, уæд ын йæхи расырдтой, марынвæнд æй скодтой. Æрыдоны былтыл сцæйлыгъди. Ныр «Хетæджы дзуары къох кæм ис, уырдæм куы схæццæ, уæд йæ бæх бафæллад, æмæ йæ тыхгæнджытæ æрбацæйæййæфтой. Уæд æм Суададжы хъæды рагъæй Уастырджи дзуры: «Æйтт, йа мардзæ, Хетæг! Дæ ных хъæдмæ сараз!» «Мæ бон нал суыдзæн хъæдмæ, фæлæ кæд исты фарн ис, уæд хъæд Хетæгмæ» – дзуапп радта Хетæг. Уыцы ныхасмæ Суададжы хъæдæй дæс дæсæтины сыстад æмæ Хетæджы æрæмбæрзта. Уыйадыл Хетæг тыхгæнджытæй аирвæзт. Ныр фахсмæ куы скæсай, хъæд кæцæй сыстади, уыцы бынатмæ, уæд абондæр гæмæхгондæй бæрæг дары æрдузы хуызæнæй. Æз-иу ме ’мбæлттимæ цуаны уæвгæйæ æхсæвиуат уым кодтон, æмæ иу дзы сæгуыты дзидзайæ физонджытæ кодтам. Фæстæдæр Уастырджи Хетæджы акодта æмæ йæ йæ кувæг адæмы ’хсæн æрцæрын кодта. Абон дæр Хетæгкатæ сæ фыды номæй мыггаг сысты, кувæг адæм йедтæмæ уыцы мыггагæй иу хæлд лæг дæр нæ рацыди. Ацы ран та уæдæй фæстæмæ у Уастырджыйы кувæндон, хонынц æй «Хетæджы дзуар». Куырттаты комы Дзирийы дзуар (фыдæлтæ йæ «Иры Уастырджи» хуыдтой) Дзывгъисы дзуар æмæ Хетæджы дзуарæн сæ бæрæгбон вæййы иу бон. Уымæн æмæ æртæйæ дæр сты Уастырджийы кувæндæттæ. Аивады суадон. Цæгæраты Созырыхъо. — Дзæуджыхъæу: «Æрфæн», 2019. — 280 ф.