Получи случайную криптовалюту за регистрацию!

Ӕцӕг хабар. Номтӕ ивгӕ акодтон, хъуыдтаг нӕ. ⠀ Дӕллаг Десы дам | Мисурӕты цыхт

Ӕцӕг хабар. Номтӕ ивгӕ акодтон, хъуыдтаг нӕ.

Дӕллаг Десы дам цардысты ус ӕмӕ лӕг, ӕвӕстаг бинонтӕ. Астӕн ӕмӕ Аминӕт.

Уыцы рӕстӕджы (хъуыдтаг уыди 60 азы размӕ) Уӕллаг Дес ӕмӕ Дӕллаг Дес дӕр уыдысты цӕрджытӕй дзаг. Ӕхсӕнады куыстӕй йӕхи ничи хицӕн кодта. Стӕй нӕдӕр уазӕгӕй дӕр. Йӕ цӕх ӕмӕ къӕбӕр ничи ӕвгъау кодта, кӕд тынг хъӕздыг нӕ цардысты уӕдтӕр.

Фӕлӕ ацы бинонтӕ сӕхи дард ластой цыфӕнды уазӕгӕй. Сӕ къӕсӕрӕй бар ӕвӕндӕй хӕрз стӕм хат йӕдтӕмӕ нӕдӕр хъӕукаг, нӕдӕр ӕцӕгӕлон нӕ бахыстаит.

Уӕд дын цыдӕр бӕрӕгбон ӕрхӕццӕ. Лӕг кусарт кӕны. Ус хыссӕ змӕнты. Сыхӕгты чызг, ӕнӕнтыст Амис сӕм рудзынгӕй кӕсы.

Хохы хӕдзӕртӕ уӕладзыгтӕй арыст цыдысты. Афтӕ иу рауад, ӕмӕ кӕйдӕр хӕдзар уыли ӕмбӕрц искӕйы скъӕттимӕ. Кӕннод та кӕртмӕ уыдис ныккӕсын уынджы сисӕй. Астӕн та сӕ хӕдзары рудзынг фӕскъул уыди ныллӕг ӕвӕрд. Ӕмӕ сӕм Амис уырдыгӕй касти.

Ацы Амис зӕрондӕй дӕр хъазаг ӕмӕ хъӕлдзӕг у. Чызгӕй та уыди ноджы фыдбылыз дӕр. Сфӕнд кодта ацы ус ӕмӕ лӕгӕй ахынджылӕг кӕнын.
- Ацу ӕмӕ хъӕуы лӕгтӕн зӕгъ цӕмӕй Астӕн ӕртӕ кӕрдзынмӕ хоны, - амоны хъӕукаг лӕппуйӕн. Уый йӕм ӕнӕуӕндон каст кӕны.
- Ацу, Аминӕт мын загъта! - фӕфидар кодта чызг йӕ ныхас.

Лӕппу ма дис кодта, фӕлӕ куыд ӕмбӕлди афтӕ хонӕг ӕрзылд Дӕллаг Десы. Дыууӕ Десы кӕрӕдзимӕ куыннӕ цыдысты, фӕлӕ дзуары бон алчидӕр йӕ сых хуыдта.

Цӕунаг чи нӕ уыди уыцы бон уыдон дӕр сӕхи срӕвдз кодтой Астӕнтӕм. Иугай - дыгай фӕраст сты дӕллаг сыхмӕ. Иу уазӕг, дыккаг - лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзимӕ ракӕс бакӕс кӕнынц:
- Чи сӕ фӕхуыдта!? - кӕрӕдзимӕ мӕсты кӕнынц.

Фӕлӕ гӕнӕн нӕй ӕмӕ фынг рывардтой куыд ӕмбӕлы афтӕ. Фӕллӕгкад кодтой. Лӕгтӕ фӕбадтысты, фӕминас кодтой. Фӕстагмӕ раарфӕ кодтой фысымӕн ӕмӕ сӕ фӕйнӕ хӕдзармӕ фӕцыдысты.

Ацы Амис лӕгты ацыдмӕ та йӕ бынатмӕ ӕрцыд, рудзынгӕй сӕ хъахъӕны. Фӕлӕ йӕ уый дӕр нӕ хъуыди кӕнын. Куыдтӕр фӕстаг уазӕджы фӕстӕ дуар ӕхгӕд ӕрцыд, афтӕ ус ӕмӕ лӕг кӕрӕдзимӕ фесты:
- Цӕмӕ сӕм арвыстай! - зӕгъгӕ. Загьд куы басабыр ис ӕмбарын куы байдыдтой цӕмӕй сӕ дыууӕйӕ дӕр ничи у аххосджын, уӕд та кӕрӕдзимӕ ногӕй бакастысты:

- Уыцы ӕнаккаг Амис йӕдтӕмӕ ничи уыдаид! - Чызг сӕ хъусы, ӕмбары цӕмӕй хӕстӕг цалдӕр къуырийы хъуамӕ йӕхи дӕрддзӕф ласа дӕллаг сыхӕй. Мӕстджын ус ӕмӕ лӕг нӕ йыл сауӕрдзысты нӕмынӕй.

Хъӕу та ма иу цасдӕр цымидисӕй кӕрӕдзийы фарстой - цы зӕд атахти ацы кӕрдзынхъус бинонты сӕрмӕ...