Получи случайную криптовалюту за регистрацию!

#ӕфсад Скептикӕн мӕ фӕнды раттон иу фарст: цал боны хӕцдзӕн И | Осетия Сегодня

#ӕфсад

Скептикӕн мӕ фӕнды раттон иу фарст: цал боны хӕцдзӕн Ирыстоны ӕфсад Гурдзыстоны ӕфсады ныхмӕ?

Ӕнӕ Уӕрӕсейы ӕххуысӕй Ирыстонӕн абоны бон йӕхи бахъахъӕныны фадат нӕй.
Раст зӕгъгӕйӕ хорз у хи паддзахад, хи ӕфсад, фӕлӕ иннӕ хъуыддӕгтӕй алцӕмӕй дӕр ӕххӕст стӕм ?

Хуссар Ирыстоныл фӕндаг нӕй ахизӕн иннӕ бӕстӕты транспорттӕн, цӕмӕй дзы хъалон исай, Хуссар Ирыстонмӕ туристтӕ Уӕрӕсейӕ нӕ, фӕлӕ Цӕгат Ирыстонӕй дӕр нӕ цӕуынц, Хуссар Ирыстоны зӕххытыл газы труба нӕ цӕуы цӕмӕй дзы ӕхца кусай транзиты фӕрцы, ӕмӕ йӕ кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы пайдайаг къахинӕгтӕ дӕр дзы ницы ис уыййас ӕмӕ дзы ӕдтӕмӕ уӕй цӕуа. Ӕмӕ ныры рӕстӕг цыдӕриддӕр Хуссар Ирыстоны ис, уыдон сты Уӕрӕсейы фӕрцы.
Нырыккон ӕфсад ӕрмӕст автоматтӕ ӕмӕ телняшкӕтӕ не сты. Ӕнӕхӕн амуници иу афсӕддонӕн кӕны 200 минӕй фылдӕр. Уыдонмӕ бафтау бронетехникӕ, мызд ӕмӕ ноджы бирӕ хардзтӕ. Кӕйдӕр бӕрзӕйӕ мӕнмӕ гӕсгӕ нӕ рауайдзӕн хи ӕфсад саразын.
Хуыздӕр вариант та у саразын Президентон гварди 300-500 адӕймаджы бӕрц, уыдонмӕ бафтау ОМОН ӕмӕ милицӕ, ӕмӕ фагӕй уӕлдай уыдзысты.

Фӕлӕ ӕфсадӕй размӕ хъӕуы бацархайын социалон программӕтыл, ахуырадыл, хъӕууон хӕдзарадыл, цӕмӕй Республикӕйы цард цӕуа ӕмӕ адӕм ма лидзой чи кӕдӕм, чи кӕдӕм, ӕндӕра кӕй хъахъӕндзӕн ӕфсад?


https://t.me/ossetica/1822